Перейти к содержанию

Тукай, Габдулла

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Габдулла Тукай
тæт. عبد الله توقای
Райгуырды датæ 14 (26) апрелы 1886
Райгуырæны бынат Кошлауч, Хъазаны губернæ, Уæрæсейы импери
Мæлæты бон 2 (15) апрелы 1913 (26 азы)
Мæлæты бынат Хъазан, Уæрæсейы импери
Æмбæстонад (дæлхицауад)
Архайды хуыз поэт, публицист, литературон критик
Уацмысты æвзаг тæтæйраг æмæ уырыссаг
Автограф Подпись
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Габдулла Тукай (уырыс. Габдулла Мухамедгарифович Тукаев, тæт. Габдулла Мөхәммәтгариф улы Тукай; райгуырдис 1886-æм азы 14 апрелы (26 апрелы), Кушлаучы хъæуы, Хъазаны губернæйы (ныртæккæ Тæтæрстаны Арсчы район) — амардис 1913-æм азы 2 (15) апрелы) уыди зынгæ тæтæйраг поэт, литературон критик, публицист æмæ тæлмацгæнæг.

Цардафыст

[ивын | Бындур ивын]

Тукай райгуырдис моллойы бинонты ’хсæн. Цыппар мæйы йыл куы цыдис, уæд фæзиан йæ фыд, цыппараздзыдæй та Габдулла сси зыбыты сидзæр. 1892–1895 азты цардис, йæ райгуырæн Кушлаучмæ æввахс хъæу Кырлайы, зæхкусæг Сагдийы хæдзары. Ам Габдулла фæцалх ис зæххы куст кæнынмæ. Кырлай ныууагъта йæ зæрдæйы арф тæлмæнтæ. Ацы хъæуы фидæны фыссæг базыдта цы у фыдыбæстæмæ æмæ хуымæтæг адæммæ уарзондзинад. Йæ поэмæ «Шурале»-йы архайд цæуы раст ацы хъæуы.

Дарддæр йæ сабибонтæ Тукай æрвыста Уральсчы сахары. Ам уый цардис сæудæджергæнæг Галиаскар Усмановы бинонты ’хсæн, цыран йæ фыдыхо куыста дæгъæлдарæй. Габдулла ахуыр кодта, прогрессивон цæстæнгастæ кæмæн уыди, уыцы Тухватуллинты меценатты медресейы. Уыциу рæстæг ма лæппу ахуыр кодта уырыссаг къласы.

1907-æм азы райдианы Тукай ныууагъта медресе. Райдыдта йæ «сæрибар цард». Уыцы аз, фæззæджы Тукай æрцыдис Хъазанмæ, цæмæй йæ цард снывонд кæна сфæлдыстадæн. Ам уый базонгæ ис литератортимæ, æмæ фæхæстæгдæр ис, газет «Аль-Ислах»-имæ («Реформæ») æмгуыст чи кодта, уыцы фæсивæдмæ. Уыцы азты Тукай фылдæр фыста сатирикон-юмористон журналтæ «Яшен» («Арвæрттывд»), «Ялт-юлт» («Æрвгæрон-æрттывд»).

Йе ’нæниздзинады уавæр кæй фæфыддæр ис, уымæ нæ кæсгæйæ, Тукай 1911–1912 азты фæцыди, йе сфæлдыстадыл чи сахадыдта, ахæм балцыты. 1991 азы майы райдианы уый параходыл æрцыдис Астраханмæ. Цæугæ-цæуын фыссæг зонгæ кодта Волгæйы былгæроны сахарты цардимæ. Астраханы уый бафысым кодта йæ хæлар поэт Сагит Рамиевмæ. Уым ма фембæлдис азербайджайнаг фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Нариман Наримановимæ. А фæстаг ахастæуыдис уырдæм, йæ райгуырæн бæсты революцион архайд кæй кодта, уый тыххæй.

1911–1912 азты кæй ныммыхуыр кодта, уыцы æмдзæвгæтæ æмæ фæндаджы очеркты фылдæр хай æрцыдысты фыст, йæ чысыл райгуырæн бæстæ — Хъазаны алфамбылай хъæутæ бабæрæджы фæстæ.

1912 азы уалдзæджы Тукай сфæнд кодта ацæуын балцы ахæм маршрутыл: Хъазан — УфаБетъырбух. Уфайы уый фембæлдис фыссæг Мажит Гафуриимæ. Ацы фембæлд арф фæд ныууагъта дыууæ литераторы цардыл. Бетъырбухы Тукай фембæлдис, фæстæдæр зынгæ революционер чи ссис, уыцы Мулланур Вахитовимæ.

Бетъырбухы Тукай фæцис 13 боны æмæ 6 (19) майы уырдыгæй араст ис Троицкмæ, уый фæстæ та хъазахы быдырмæ, хъуымыз нуазынмæ — йæ зæрдæ дардта, йæ бануазынæй йе ’нæниздзинад кæй фæфидардæр уыдзæн. Хъазанмæ раздæхтис августы райдианы.

Габдулла Тукай фæзиан ис 1913 азы 2 (15) апрелы. Хъазаны уырыссагау цæуæг газетты куыд ныффыстæуыдис, афтæмæй «Тукайы амæлæт уыдис стыр зиан тæтæйраг адæмæн».

Тукай ныгæд æрцыдис Хъазаны Тæтæйраг уæлмæрдты.

Тæтæйраг адæмæн тынг зынаргъ у Габдулла Тукайы ном. Цæгат Ирыстоны цы тæтæйраг культурон æхсæнад ис, уый хæссы Габдулла Тукайы ном.